День Осетинского языка и литературы

Виртуальная книжная выставка «Не ‘взаг – нæ хæзна!»

«Ирон æвзаг – нæ иугæнæг, нæ хотых

Æрбахæццæ Ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбон.

Сывæллон фыццаг къахдзæфтимæ цы фыццаг дзырдтæ фæзæгъы, уыдон вæййынц мадæлон æвзагыл. «Ирон æвзаг у æнæниз буары нуæрттау – æлвæст, хæххон сыгъдæг арвау – ирд æмæ æгæрон, ныййарæг мады зæрдæйау – фæлмæн æмæ цæстуарзон, схæссæг фыды домаг фæдзæхстау - кад æмæ радыл дзурæг, ног чындзау – къуызгæ уайсæст æмæ æнкъарæнджын, чындздзон чызджы зæрдæхсайгæ æнгæсау - цардбæллон, усгур лæппуйы сагъæстæн та цæрынæй-хæрынмæ басгуыхт æмбисонды хъисфæндыр» (Айларты Измаил). Мадæлон æвзаг у фæлтæрты æхсæн фидар хид, фæлæ сусæггаг нæу, азæй-азмæ къаддæр кæй кæны иронау дзурын чи зоны, уыдоны нымæц. Нæ фыдæлтæ цыдæриддæр федтой æмæ базыдтой æнусты дæргъы, цыдæриддæр сфæлдыстой, уыдон иу фæлтæрæй иннæмæ хизынц æрмæст æвзаджы фæрцы. Æвзаг куы нал вæййы, уæд фесæфынц æппæт уыцы æнæнымæц æмæ хъæздыг диссæгтæ æмæ адæм сæхæдæг дæр. Барахъты Гинойы загъдау: «Цæй уæдæ, бæрзонд Кавказæй Нарты ´взагæй дзурæм ныр», уымæн æмæ, æнæмæлгæ «Нарты кадджытæ» цы адæм сфæлдыстой, уыцы адæмы æвзаг хъуамæ æнусты цæра.

 

2003 азы 15 май Ирыстоны интеллигенцийы курдиатмæ гæсгæ фидаргонд æрцыд Республикæ Цæгат Ирыстоны - Аланийы Президент – Дзасохты Алыксандры Указæй «Ирон æвзаг æмæ литерæтурæйы бæрæгбон». Бæрæггонд цæуы фынддæсæм майы æрвыл аз, уымæн æмæ 1899 азы рухс федта нæ поэзийы зынаргъдæр хæзна – Хетæгкаты Къостайы «Ирон фæндыр». Ирон æвзаг у ирон адæмæн йæ уд, йæ зæрдæ. Уымæ гæсгæ махæй алчидæр хæсджын у йæ рæзтыл кусын, йæ фарн ын бахъахъхъæнын.

Цалынмæ нæ мадæлон æвзаг цæра, уæдмæ цæрдзæн нæ райгуырæн бæстæ, Ирыстон дæр. Хъуамæ не ´взаг хъахъхъæнæм æмæ йын кад кæнын фæразæм, цæмæй ´суинаг фæлтæртæн сæ къухтæм радтын нæ бон бауа ацы хæзнаты хуыздæр. Ирон æвзаг, ирон культурæйæн сæ цард, сæ уд радтой Хетæгкаты Къоста, Æмбалты Цоцко, Абайты Васо, Гæдиаты Секъа, Нигер, Малиты Георги, Плиты Грис, Мамсыраты Дæбе, Боциты Барон, Джусойты Нафи, Джыккайты Шамил, Тæбæхсæуты Бало, Темыраты Дауыт, Уататы Бибо… Уыдон ирон дзырды фарн семæ нæ ахастой, ныууагътой йæ махæн.

Мах, Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы кусджытæ нæ рох кæнæм ирон дзырды уаз. Алы мадзæлтты фæрцы архайæм ирон æвзаджы рæзтæн. Уымæн æвдисæн сты нæ бирæ литературон фембæлдтæ ирон интеллигенцийы минæвæрттимæ, журнал «Ирæф»-ы редакцийы кусджытæ æмæ автортимæ, мысæн æмæ кады изæртæ ирон дзырдаивады дæснытимæ. Уæдæ нæ литературон иугонд «Суадон»-ы активон архайд æсæнадон царды хицæн ныхасы аккаг у. Райгуырд цыппар азы размæ сфæлдыстадон тæваг кæмæ хæццæ кæны, уыцы æрыгон фæсивæдæн сæ курдиат райхалыны рæзтæн. Фысджыты цæдисимæ æмгуысты фæрцы ныридæгæн сæ бархъомыс ныхас хъуысы периодикон мыхуыры (газеттæ «Рæстдзинад», «Стыр Ныхас», «Слово», «Северная Осетия», журналтæ: «Мах дуг», «Ирæф», «Литературная Кабардино-Балкария»-йы фæрстыл), радиойы æмæ телеуынынады равдыстыты æмæ бакастыты, алыхуызон конкурсты æмæ литературон фембæлдты. Сæрмагонд сфæлдыстадон литературон-музыкалон изæртæ кадджын уавæры арæзт æрцыд къорды активон уæнгтæй: Дзиццойты Жаннæ, Бестауты Аланæ, Дзæгъойты Жаннæ, Миндзайты Валя æмæ Гæцойты Анетæйæн. Ирыстоны интеллигенцийы минæвæрттæ æмæ чиныгкæсджытæ бæстондæр базонгæ сты райдайгæ поэттæн се сфæлдыстадимæ. Сæ поэтикон уацмысты æмрæнхъ зæлыдысты се 'мдзæвгæтыл фыст зарджытæ дæр. Нæ Национ телеуынады журналисттæ арæх сæмбæлынц нæ радон фембæлдты рæстæг. Сæ цæст æрæвæрдтой курдиатджын фæсивæдыл, стыр аргъ кæнынц нæ куыстæн æмæ телеэкранæй ныридæгæн равдыстой цымыдисаг репортажтæ Хозиты Агуындæ, Бестауты Аланæ, Уыртаты Сæрмæт, Барахъты Хетæгы тыххæй. Радио-Аланийы «Боныгон студи»-йы дæр Балаты Ритæйы авторон проекты фæрцы цалдæр радиобакасты Ирыстоны радиомæхъусджытæ базонгæ сты нæ «Суадон»-ы уæнгтæй Уыртаты С., Бигъаты С., Бестауты А., Хозиты А., Гегкиты С., Миндзайты В., Беккуызарты Г., Айларты Д., Цомартаты Дз., Бететы Ф. æмдзæвгæтимæ.

«Суадон»-ы уæнгтæ хистæрæй-кæстæрмæ сты, дзырдаивады бардуаг йæ фæлмæн арм кæуыл дары æмæ арæхстджын къахдзæфтæ чи кæны поэзийы фæндагыл, ахæмтæ. Алкæмæн дæр сæ ис йæхи æрмдзæф, сæрмагонд хъæлæс. Фæлæ сæ иу кæны уарзондзинад ирон дзырдмæ, мадæлон æвзагмæ. Фыссынц алы темæтыл: уарзондзинад Фыдыбæстæмæ, æрдзмæ, хицæн адæймагмæ, лирикон, философон, урс æмдзæвгæтæ. Кæмæндæр - лæмæгъдæр, кæмæндæр – хъæддыхдæр. Нæ алы фембæлды нын Фысджыты цæдисы уæнгты æххуыс у æгæрон. Сæ æвæджиауы 'ххуысы хай æдзух нын хæссынц стихамады ахуырты хуызы Агънаты Г., Скъодтаты Э., Соттиты Р., Къадзаты С., Хозиты Б., Дауыраты Д, Колыты В., Хохойты Э., Тъехты Т., Гасанты В., Касаты А., Хадыхъаты Ф., Баситы З., Грищенко-Кокойты В. æмæ иннæтæ. Нæ куырыхон хистæртæ ахадгæйæ æвдисынц мадæлон æвзаджы æвидигæ хъæздыгдзинад сæ уацмысты æмæ ахæм фембæлдтæ кæстæртæн практикон æгъдауæй вæййынц царды æмæ сфæлдыстадон цымыдисаг уроктæ. Æмтгæй цадæггай архайынц дзырдаивады къæбиц хъæздыгæй-хъæздыгдæр кæнын æрыгон курдиатджын фæсивæды фыст литературон уацмыстæй.

Абоны уавæртæм гæсгæ дæр нæ куыст не 'рмынæг. Нæ къорды уæнгтæ Хозиты Агуындæ, Калоты Георги, Бестауты Аланæ, Бететы Фатимæ Уæлахизы бæрæгбоны кадæн виртуалон æгъдауæй активонæй бацархайдтой литературон конкурсты сæ авторон уацмыстимæ Дзæуджыхъæуы Администрацийы æмæ радио-Аланийы расидты.

Ирон æвзаг æмæ литературæйы бæрæгбоны кадæн сарæзтам виртуалон чингуыты равдыст «Не ′взаг – нæ хæзна!». Бахастам æм цымыдисагдæр æмæ арфдæр цы чингуытæ райхалдзысты равдысты темæ, уыдон, стæй-ма - зындгонд адæмты хъуыдытæй ист цитатæтæ. Ис дзы æххæст библиографион номхыгъд ацы темæйыл чингуытæн æмæ сæ Дзæуджыхъæуы централизацигонд системæйы библиотекæты чиныгкæсджыты бон уыдзæн бахъуаджы сахат райсын. Бæрæгбоны кадæн ма «Суадон»-ы уæнгтæ цы поэтикон уацмыстæ ныффыстой, уыдон дæр мыхуыр цæуынц нæ сайтыл.

Абайты Васойы загъдау: «Ирон æвзаг у, хъуыдыйы æмæ æнкъарæнты тæккæ лыстæгдæр æмæ уæздандæр фæзилæнтæ равдисынмæ чи арæхсы, ахæм æнæаипп, рæвдз æмæ коммæгæс хотых», æмæ йыл цæй дзурын ма ´фсæрмы кæнæм. Нæ хъуыдытæ нывæндæм æмæ дзурæм нæ хæзнаты хæзнадæрыл æрмæст фынддæсæм майы нæ, фæлæ алы бон дæр!

 Дзугаты-Мурасты Риммæ,

Дзæуджыхъæуы центрон библиотекæйы

бæстæзонæн хайады сæргълæууæг,

Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг

 

 

Дзиццойты Жаннæ

 

Ирон дæн æз!

 

 

Ирон дæн æз,

 

Куыд адджын у нæ ныхас!

 

Ирон дæн æз,

 

Æгъдау, æвзаг – мæ сагъæс!

 

Ирон дæн æз,

 

Мæ раг фыдæлты тугæй,

 

Ирон дæн æз,

 

Рæвдыд дæр дæн сæ хурæй!

 

Ирон дæн æз,

 

Æфсæрмы кæнын мардæй,

 

Ирон дæн æз,

 

Мæ уд, мæ зонд, мæ цардæй!

 

Ирон дæн æз,

 

Мæ кафт, мæ зард, мæ хъастæй,

 

Ирон дæн æз,

 

Æрвыст уæм дæн алантæй!

 

Ирон дæн æз,

 

Ды дæр, ирон дæ, гормон,

 

Ирон æвзаг –

 

Нæ фидæн у, нæ сомбон!

 

 

Дзæгъойты Жаннæ

 

Ирон æвзаг

 

 

Сыгъзæрин фест, нæ мадæлон æвзаг!

 

Ирон æвзаг - ныййарæг мадау адджын.

 

Фæлæ йын мах нæхæдæг сыстæм знаг,

 

Ирон лæгмæ ирон дзырд нал у кадджын.

 

 

Куы фæхъусын ирон зарæг, ныхас,

 

Мæ зæрдæ маргъау базырджын ысвæййы.

 

Ирыстойнаг, дæ ирон æвзаг уарз!

 

Æнæ 'взагæй ирон ирон нæ вæййы.

 

 

Мæ мад-иу мæ куы фынæй кодта 'хсæв,

 

Уый авдæнмæ мæнæн иронау зарыд.

 

Сыгъзæрин хур, дæ хъарм тынтæй нæ тав!

 

Нæ Ирæй хуыздæр нæу мæ бон ′ссарын.

 

 

Цы ныл æрцыд? Ыскодтой нын кæлæн,

 

Ирон уæвын куы нал хæссæм нæ сæрмæ.

 

Ирон æвзагæн нæй уæддæр мæлæн,

 

Нæ Иры зæдтæ, райхъал ут нæ хъæрмæ.

 

 

Ирон фœндыр! Ирон œвзаг!

 

 

Чысылœй нырмœ адджын сты мœ удœн

 

Фыдœлты хœзна- фœндыры зœлтœ.

 

О, уыцы зœлтœн макуы уœд фœцудœн!

 

Рœвдауœнт-иу ирон лœджы зœрдœ!

 

 

Куы-иу œрсимдтой Нарты гуыппырсартœ

 

Фœндыры рухс, алœмœты зœлтœм,

 

Ныннœрыд-иу сœ фезмœлдœй уœд арв дœр,

 

Ǽрцыд-иу кафын ′гас хъœды сырдтœм.

 

 

Нœ цœсты хъуамœ кадджын уа œвзаг дœр

 

Ирон œвзаг – нœ мадœлон œвзаг.

 

Нœ фыдœлтау œй ма фесафœм мах дœр,

 

Фœзминаг куыд уой не 'гъдау œмœ уаг!

 

 

Ирон œвзаг, ирон фœндырœн хъуамœ,

 

Ǽдзух кœнœм ныййарœг мадау аргъ.

 

Нœхœдœг сœ куынœ хъахъхъœнœм царды,

 

Ǽндœр адœм нын нал кœндзысты аргъ.

 

 

Хуырымты Аллæ

 

Мæ зæрдæйæн – йæ зæрдæ

 

 

Ирон æвзаг! Мæ зæрдæйæн – йæ зæрдæ,

 

Хуыцауы зынгæй равзæргæ, нæртон.

 

Нæ рыст зæххыл хæстонтимæ – хæстон дæ,

 

Дæ рæсугъд зæлтæн макуы уæд кæрон.

 

 

Ирон æвзагыл «Хæхты зæлтæ» зæлынц,

 

Ирон фæндыр, Хуыцауæй нын лæвæрд.

 

Дæуæн лæггад, цы хъæбултæ фæкæнынц,

 

Æрфæны фæдау, баззайы сæ фæд.

 

 

Цæсты гагуыйау, хъахъхъæнинаг ды,

 

Ирон æвзаг, ды ацыдтæ мæ туджы.

 

Куыд нæ фæцуда Иры фарн нæ дуджы,

 

Ирон æвзаг мæ базырджын кæны.

 

 

Дарчиты Мурат

 

Ирон æвзаг

 

 

Ирон æвзаг нæ фесæфдзæнис, ма тæрс,

 

Куы йæ сафой фыдызнæгтæ, уæддæр.

 

Сыхаг паддзахад Сири, Туркмæ - бакæс,

 

Нæртон æвзаг, æнусбонтæм цæрдзæн.

 

 

Цæрдзæн, дызæрдыг ууыуыл не стæм,

 

Цæмæн æрцæуа а зæххыл уый сæфт.

 

Æви нæ уадзы, ´гас дзыллæтæн се ´хсæн,

 

Æрфæны фæдау алы ран йæ фæд.

 

 

Куы сæфа, уæд уæлмæрдтæй Нарон сыстдзæн,

 

Йæ сæфтимæ уый самайдзæни тох.

 

Æппæт бæстæтыл зарæг «Додой» хъуысдзæн,

 

Йæ зардмæ риздзæн, сау къæдзæхау, хох.

 

 

Барахъты Хетæг

 

 

***

 

Æвзаг, цы бакæнæм мах демæ?

 

Фæсивæдæн ныууагъта дæ Къоста.

 

Ысхаста дæ! Æсхъомыл демæ,

 

Мæ Ирыстон, уарзын дæ, - дзырдта.

 

 

Йæ фæстæ хастой дæ поэттæ,

 

Уыди Гино, кæмдæр – Мысост.

 

Уæлдай нæ уыди, мах – ирæттæ.

 

Æвзаг, ды махæн дæ нæ уарзт.

 

 

Нæй рох кæнæн Нафи æмæ Шамилы,

 

Æгадæй дын нæ равдыстой дæ ном.

 

Фæсивæдæн æдзух йæ зæрдæ райы,

 

Куы ‘рбалæууы нæ æвзагæн йæ бон…

 

 

Уыртаты Сæрмæт

 

У ирон!

 

 

Кӕд ирон мыггаг хӕссыс,

 

Кӕд ирон зӕххыл цӕрыс,

 

Зон ирон лӕджы ӕгъдау!

 

Зон нӕ фыдӕлты ӕвзаг!

 

 

Кафгӕ рацу махмӕ тагъд,

 

Цæй-ма ‘рымысӕм нæ симд,

 

Уадз хъуысӕд - ӕнусты цагъд,

 

Уадз хъуысӕд - нӕ Иры зард!

 

 

Хæмыцаты Лаурæ

 

Мадæлон æвзаг – мадау адджын!

 

 

Куыд рæсугъд дæ мæ мадæлон æвзаг!

 

Куыд арф æрцардтæ ды мæнæн мæ уды!

 

Дæумæ мæ зæрдæ агуры фæндаг.

 

Дæуыл Хуыцаумæ арæх æз фæкувын!

 

 

Дæ ныхæстæ мын мадау сты фæлмæн,

 

Дæ зарджытæ – мæ мады зардау адджын!

 

Ирон æвзаг! Нæй абарæн дæуæн,

 

Дунейы ‘взæгты ‘хсæн дæ кадджын!

 

 

Дæуыл дзырдтой, дæ ном бæрзæндты хастой

 

Дæ хъæбултæ: нæ уарзон фырт Къоста.

 

Нæ адæмон поэт - Шамиль Джыккайтæй,

 

Нæрæмон балхон Плийы-фырт – Иссæ.

 

 

Ирыстоны сæ нæмттæ алчи зоны,

 

Ирон адæм сын алкæд кодтой кад.

 

Ныр та мæ зæрдæ бамбарын нæ комы,

 

Куыд сафæм мах, нæ мадæлон æвзаг?

 

 

Бестауты Аланæ

 

Ирон æвзаг

 

 

Ирон æвзаг – мæ мад у,

 

Ирыстон та – мæ фыд.

 

 

Ирон æвзаг зынаргъ у,

 

Ирыстон та – Мæсыг!

 

Ирон æвзаг – мæ хæзна,

 

Мæ ис æмæ мæ бон.

 

Ирыстон та – мæ хæдзар,

 

Мæ къона у мæ дон!

 

Последнее изменение Понедельник, 22 Август 2022 08:27
Administrator

Надеемся наша информация вам понравилась и вы снова посетите наш сайт.

Оставить комментарий

Убедитесь, что вы вводите (*) необходимую информацию, где нужно
HTML-коды запрещены

Контакты

По вопросам и пожеланиям наши контакты.

 Проспект Коста 283 "в"
 biblioteka283@yandex.ru
 51-38-56 (9:00 - 18:00)

Яндекс.Метрика

гости сайта

Сейчас 377 гостей и ни одного зарегистрированного пользователя на сайте